Cusoytı Grigoriyı Fırt NAFİ’nin 92. yaşgününü kutladık. “Oset Literatürünün Babası” lakaplı Nafi’ye “Næhi Nafi” (Bizim Nafi) de deniyor Osetya’da. Güney Osetya’daki Kudargom’daki Hærdışærı Kæw’da doğmuş yazarımız arasında şiir kitapları, okul kitapları, çeviriler ve incelemelerin de olduğu 500’den fazla eser vermiş ki bunların 12’si Oset Yazarlarına dair monografik kitaplardan oluşuyor. 16 yaşında vatan savunmasına koşan Nafi yaralanıp gazi olmuş, daha sonra, Gürcistan SSR Devlet Prezidyumu da dahil çeşitli devlet görevleri de üstlenmiş olan Nafi uzun süredir Güney Osetya’da, Tskhinval’de yaşayıp çalışıyor. Osetçe’ye çeviri yaptığı dillerin arasında Rusça ve Ukraynaca’nın yanısıra Gürcüce, Lehçe, Kazakça da var. 1953 yılında Kosta ve Rus Literatürü konusunda tezini verip Literatür ve Folklor Enstitüsü’nde çalışmaya başlamış 1954’te. 1968 yılında “Devrim Öncesi Oset Literatürü” başlıklı teziyle doktorasını almış. Uzun Yıllar boyunca Güney Osetya Oset Literatürü ve Folkloru Araştırma Enstitüsü Başkanlığını da yürüttü. Şiir kitaplarından: Dağlarda Doğdum / «Æз райгуырдтæн хохы» (1960). Romanlarından: Ataların Kanı / «Фыдæлты туг» (1965) Şırdon’un Gözyaşları / «Сырдоны цæссыгтæ» (1978) Aldığı kimi ödüller: Koşta Khetagurova Ödülü 1978; Onur Nişanı 1984; Kuzey Osetya Halk Yazarı Nişanı 1995; 2015 yılında Rus Devlet Başkanlığı Üstün Hizmet Nişanı, Kitapları için pdf bağlantıları: Джусойты Нафи. Фыдæлты туг. 2010 аз. https://vk.com/doc1410483_386847508?hash=0d4e7a69e3baac3b31&dl=3bcfc20cae2bd9607d Джусойты Нафи. Æз райгуырдтæн хохы: Æмдзæвгæтæ. 1960 аз. https://vk.com/doc1410483_437622651?hash=6ca8800a9beb81e7a3&dl=0b466416dfd5982209 Джусойты Нафи. Уацмыстæ. 2015 аз. The collection of Patriarch of Ossetian literature, famous Ossetian writer, poet, literary critic Nafi Dzhusoyty includes poems written by him over the years. https://vk.com/doc1410483_410282519?hash=5e2cd790e1f0bbff33&dl=802a1a903d49ea05a5 Çevirilerinden: Коста Хетагурова «Фатима» Kpşta’nın orijinali Rusça olan şiirini Osetçe’ye çeviren Нафи Джусойты. https://vk.com/doc1410483_240989566?hash=5d6c6282f7cb5abf86&dl=2e675b8aaf0f682c62 ÆЗ УАРЗЫН КАВКАЗ (Лермонтов М.Ю., 2014 г.). Lermantov’un eserini Rusça’dan Osetçe’ye çeviren Нафи Джусойты. https://vk.com/doc1410483_425030879?hash=9c342a1c33b4a12877&dl=265de1f65483f64731 Söyleşi Vidyoları: Джуссойты Нафи IUDZINAD https://www.youtube.com/watch?v=SjvTrDXJmfU "90 фарсты Нафима" / "90 questions to Nafi” https://www.youtube.com/watch?v=pcfNSmHAlAg Зонын / Къоста. Читает Джусойты Нафи Nafi Goşta’nın “Jonın” şiirini okuyor https://www.youtube.com/watch?v=VzkzfkK03HE Мæлатмæ нæй фæстæмæ дзурæн / Автор & Читает: Нафи Джусойты Mælatmæ næy fæstæmæ dzuræn Şair ve okuyan Cusoytı Nafi. https://www.facebook.com/amdzavga/videos/192567177776638/ Джусойты Нафи кафы Хонга кафт Cusoytı Nafı 90 yaş kutlamasında Honga yaparken https://www.youtube.com/watch?v=uvYKPLwam0w "НАФИ.Уадай абонма..." (К 90 летию Нафи Джусойты.Реж.Гри Мамиев.) https://www.youtube.com/watch?v=pcCb8au5al0 Progredi. Проект "Чиныг". Выпуск №7 - Джусойты Нафи "Сырдоны цæссыгтæ" https://www.youtube.com/watch?v=KABgOuyil_U PROGREDI. ПРОЕКТ "ЧИНЫГ. ВЫПУСК №7 - ДЖУСОЙТЫ НАФИ "СЫРДОНЫ ЦÆССЫГТÆ" «Байхъус, хорз лæг, нæртон дунейы таурæгъмæ зæрдиагæй æмæ, чи зоны, йæ кæрон зæгъай: æцæг афтæ уыдаид, удæгас царды гакк ыл бæрæгæй зыны!.. Кæд афтæ нæ рауайа, уæд уыдзæн кæнæ мæ аххос — нæ сарæхстæн аив радзурын, кæнæ — дæу... зæрдæйæ уæзхъус разындтæ» - афтæ фæдзæхсы Нафи чиныгкæсджыты йæ ныстуаны. Эпикон роман «Сырдоны цæссыгты» æвдыст цæуы нæртон дунейы стыр ныв æрыгон царды миниуджытимæ. Романы сæйраг архайæг Сырдон у рухс æмæ уарзæгой адæймаг. Хæларзæрдæ, сæрибаруарзæг, мæгуыр адæмы ирвæзынгæнæг, лæууы тыхгæнджыты ныхмæ, агуры рæстдзинад, иунæгæй мæнгард æвæтк дунейы ныхмæ. Лæджы уаздæр курдиатимæ — адæмы уарзон, цардуарзон, удуарзон, Сырдон быхсы фыдæх æмæ хæрамдзинадæн. Роман иу афон расайдта дызæрдыггаг фарстатæ, зæгъгæ, дам, Нафи нарты ном æмæ кад фæдæлазыг кодта, Сырдоны та уæлвонг систа, фæлæ фыссæг цæхгæр нæ разы кæны ахæм тæрхонимæ. Джусойты Нафи райгуырдис 1925 азы Хуссар Ирыстоны Ногхъæуы хуымæтæг зæхкусæджы бинонты. Скъоламæ бацыди æмгъуыдæй раздæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, чысылæй дæр ыл зынди ахуырмæ зæрдæргъæвддзинад æмæ йæ ахуыргæнæг айста æхсæзаздзыдæй. Скъола каст фæцис тæккæдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдианы æмæ бархийæ ацыд знаджы ныхмæ хæцынмæ. Хæсты фæстæ куыста газет «Заря Востока»-йы уацхæссæгæй, уыцы иу рæстæг фæсаууонмæ ахуыр кодта Сталиниры педагогон институты. Куы йæ фæци каст, уæд бацыд уырыссаг литературæйы институты аспирантурæмæ. 1953 азы Нафи ныффыста йæ диссертацион куыст: «Кавказы темæ уырыссаг литературæйы æмæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады», радтой йын филологон наукæты кандидаты ном, æмæ райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты ирон фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уыцы бынаты. Нафи йе сфæлдыстадон куыст райдыдта æмдзæвгæтæй хæсты рæстæджы, уымæн сты дзаг æхсар æмæ лæгдзинадæй. Фæстæдæр ахызт прозæмæ, æмæ нын балæвар кодта романтæ «Фыдæлты туг», «Залты мит», «Сырдоны цæссыгтæ», уацаутæ æмæ пьесæтæ. Хъыгагæн, «Сырдоны цæссыгтæ» сегасæн зындгонд уацмыс нæу, фæлæ йæ, мæнмæ гæсгæ, алчидæр хъуамæ саккаг кæна йæ къухмæ райсын æмæ бакæсын. Романы сæйраг мидис у тыхдзинад æмæ фыдæх нæ, фæлæ адæмы уарзондзинад кæй уæлахиз кæны царды, æрмæстдæр уарзондзинад дæтты адæмæн цардамонд. Уыцы уæлахиз йæ цæссыгтимæ, йæ цинтимæ Сырдон балæвар кодта нæртон адæмæн. Бакæс, хорз лæг, «Сырдоны цæссыгтæ» зæрдиагæй, банкъар нæртон уæлдæфы ад, ссар дæ чиныг. Хэштег проекта - #чиныг Bir şiiri: Фæдзæхст Фæсмæлæт мæн лæггад нæ хъæуы, Фæлæ дзы кæд æндæр хос нæй, Уæд-иу мæ бавæрут нæ хъæуы Нæ нæуæг уæлмæрдты, бынæй. Мæн уый мæрдон буцæн нæ хъæуы, Нæдæр уæ цытыл кæнын мæт, — Йæ уд мын чи хъардта фæхъхъауæн, Уый уым ис иунæгæй ныгæд... Мæ мад, мæ ныййарæг!.. Уæлæуыл Йæ цæстæй дард уыдтæн, сæттын, Æмæ кæд ныр чысыл фæлæууин Йæ фарсмæ уыцы ран, мæрдты... Джусойты Нафи (1972) ДЖУСОЙТЫ НАФИ НЫМÆТ ÆМÆ ХЪАМАЙЫ МАСТ Номдзыд ахуыргонд Абайты Васойæн Нымæтæн къулыл айтыгъд йæ фæдджи, Ауыгъд йæ уæлæ — хъама... Уыдонмæ армæй æвналын нæ фæтчы, Цыма сæ хицау амард... Нæ, уый сæ хицау бады сæ цуры, Нал уадзы 'хсæв йæ фыссын!.. Нымæт йæ мæстытæ хъамайæн дзуры, Хъама ивгъуыд бонтæ мысы... — Мидхæсты бонты фидар фæсонтыл, Уарийы базыртау, бадтæн... Уазал æхсæвты, тугуарæн бонты Иемæ уд-æмуд хаттæн... Урсыты кæрдты тугвæд нысæнттæй Дудынц ныр дæр мæ фæрстæ... Ма 'ппæлæд, ма-кæ, Иссæйы нымæт дæр, Иу къуымбилæй нæ 'ууæрстой! Гъе ныр та тонын къулыл мæ бонтæ, Уый та йæхицæн кусы... — Бавнæлдта фæдджийæ фидар фæсонтæм Æмæ нынкъард, ныхъхъус и... — Еххай, цы зæгъон!.. — ныуулæфыд хъама, — Кæрддзæмы рафтыдтæн сонтæй... Искуы уæд та мæ дæ фыссæнгарз самай, Науæд мæ сæлвас!.. Ирон дæ!.. Не знæгтæ лидзой ме 'рттывд, мæ койæ, Ахæсс мæ демæ стæры! Уый та мæ байсæрды топсæрфæн сойæ, Стæй мæ фæстæмæ нывæры...— Бамæсты фыссæн сис: «Уа буц-ма ма ут, Рагæй уыд Ирмæ нымады: Зондджын æвзаг, дам, зæдты хæзна у, Хорз ныхас та — æфсад у!..» Иу дзырд, нæмыгау, иннæйы суры, Сисы æндон зæлланг хъуысы... Нымæт йæ хъæстытæ хъамайæн дзуры, Хъама ивгъуыд заман мысы... 1956 аз. Фæсæфтуан: Абайты Васойæн йæ мæскуыйаг фатеры кусæн хатæны къулыл ауыгъд ис уæйлаг нымæт, Васо йæ лæппуйы бонты кæй дардта, уый. Нымæты уæлæ та — хъама. Васо Бетъырбухмæ университеты ахуыр кæнынмæ куы ацыд, уæд дæр йæ ирон дарæс йемæ ахаста æмæ йæ дард-та бæрæгбонты рæстæджы. Йæ цухъхъа скъаппы æвæрд у, фаелæ нымæт æмæ хъама къулыл» ауыгъдæй сæ цæрæнбонтæ тонынц. Ныр, æцæг, сæ цуры ис æхсаргард дæр... Сæ мадзура хъынцъыммæ сын байхъуыстон, Васойы фатеры фьщцаг хатт куы уыдтæн, уæд, æмæ уымæй ратагъд ацы уацмысгонд. Мыхуыр уыд чиныг «Æз райгуырдтæн хохы», зæгъгæ, уым (1960 аз)' «Мах ирæттæ бирæ не стæм, фæлæ фыдбылызы фаг стæм». ДжусойтыНафи “Нае наертон фыдаелтаей нын баззад - хуыцауаен даер дае саераей ныллаег хъуамае ма кувай: лаег дае!” Джусойты Нафи

Теги: Osetya NAFİ edebiyat

Теги других блогов: Osetya NAFİ edebiyat