ЗЫНЕПС Газет, Аланты Хъæлæс - 2021 Тъæнджы Мæй / Æнсур,
Аразæг - Ufuk GÜNEŞ (Уфук ГЮНЕC).
Рухсаг У, Нæ Зынаргъ Хистæр, Хъаныхъуаты Ремзи...
ХЪАНЫХЪУАТЫ РЕМЗИ
Аланы æхсæнадæн иæ бындур æвæрджытæй,
Дæхæдæг кæй сарæзтай 'стыр фыдæбонтимæ,
Деппæлинæгтæм кæсгæ баззадыстæм æнкъардæй,
Дæуæй хъахъхъæнинæктæ ацыдысты дæуимæ...
Ацы æнæрай азæй ничи баззад бузныг,
Йæхæдæг ахъуыдтыйы, дæута цæмæн ахаста...
Йæхæдзар ныггæлинаг !!! рацахстадæ уыдисæг,
Ногазмæ бахизгæйæ 'стыр хъыгнын ныууахта.
Ирыстоны адæмы де'руаджы куы базыдтам,
Ирондзинады зæххæй уæларвмæ куы фелвæстай !..
Нæ мадæлон æвзаджы дæумæ хъусгæ бауарстам.
Нæ дзыллæйæн дæ хъару, фæсивæдæн ныфс радтай.
Дæ къахдзæфæй дæ кафтæй, МЕМНОМ дæуæй хъал кодтам.
Размæ ацæуæм зæгæ æнæлæугæ архаидтай,
Куыналдын бантыст фылдæр, дæуæй цытæ хъахъхъæдтам !..
Дæ фыдæбонты иууыл дæ фæстейæ ныууахтай.
Хъаныхъуаты РЕМЗИ дæ тагъд цыуыди дæуæн,
Базыртæдыл æрзади цъиуы хуызæн
атахдæ!..
Хæрзæбондæр нæ захтай дæу чи уарзта уыдонæн...
Рухс дзæнæты фæндæктыл фæндараст фæуай уæдæ...
03.01.2021
Не'стыр хъыгы фæдыл ацы æмдзæвгæйы фыссынмæ бахъавыдтæн
ХОСОНТЫ РЕМЗИ, Remzi Öĝün.